Астрономи
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Астрономи у æрвон буæрттæ æмæ сæ системæтæ чи иртасы, ахæм зонад.
Астрономи иртасы Хур, Хуры системæйы планетæтæ æмæ сæ спутниктæ, астероидтæ, кометæтæ, стъалытæ, галактикæтæ æмæ бирæ æндæр цыдæртæ.
Астрономийæн йæ сæйраг хайтæ сты:
- Астрометри — æрвон буæртты уынгæ ран æмæ змæлынад иртасы.
- Астрофизикæ — æрвон буæртты арæзт, сконд æмæ физикон миниуджытæ иртасы.
- Космогони — æрвон буæртты равзæрд æмæ эволюци иртасы.
- Космологи — дун-дунейы эволюци иртасы.
- Æрвон механикæ — уæзтырнæн тыхæй æрвон буæрттæ куыд змæлынц, уый иртасы.