Бурхъусгалм
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бурхъусгалм (донгалм кæнæ хоргалм дæр; урыссагау хуыйны уж, латинаг классификацимæ гæсгæ Natrix Natrix) у æнæмарг калм, æппæт Европæйы къуымты чи цæры суæнг Скандинавийы дæр.
Бурхъусгалмæн йæ ном сæвзæрд йæ «хъусты» цы бур стъæлфытæ сты, уыдон тыххæй. Йæ буар вæййы морæхуыз, цъæх кæнæ сау, буары дæллаг фарс ирддæр вæййы. Дæргъмæ вæййынц 120 сантиметры онг (айкæй куы райгуырынц, уæд æрмæст 18 сантиметры сты).
Бурхъусгалмытæ бирæ рæстæг æрвитынц доны, хæрынц хæфсытæ (стæм хатт кæсæгтæ æмæ мыстытæ дæр).
Ацы калм адæймагæн ницы зиан хæссы. Марг ын куы нæй, æмæ уый тыххæй йæхи хъахъхъæнынмæ тæрсын кæны: йæ сæр размæ æрбаппары, афтæмæй йæ дзыхх дæр гом нæ кæны.
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |