Гергиты Валери
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гергиты Абисалы фырт Валери у Мариинский театры сæргълæууæг, аивадон разамонæг, Уæрæсейы адæмон артист, паддзахадон премиты лауреат, дунейы зынгæдæр дирижёртæй иу.
Гергиты Валери райгуырд 1953 азы 2 майы Мæскуыйы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста Дзæуджыхъæуы.
Каст фæци Ленинграды Римский-Корсаковы номыл консерватори профессор И. А. Мусинмæ. 23-аздзыдæй рамбылдта Герберт фон Караяны номыл дирижёрты конкурс Берлины æмæ студентæй уæвгæйæ хуынд æрцыд Кировы номыл оперон театрмæ (ныртæккæ хуыины Мариинский). 1977 азæй — Кировы номыл театры дирижёр. 1981-æм азæй 1985-æм азы онг куыста Сомихы паддзахадон оркестры сæйраг дирижёрæй. 35-аздзыдæй æвзæрст æрцыд оперæйы труппæйы аивадон разамонæгæй, 1996 азæй фæстæмæ кусы аивадон разамонæгæй æмæ сæргълæууæгæй Мариинский театры.
[баив æй] Хæрзиуджытæ
Гергиты Валери абон нымад цæуы дунейы иууыл куырдиатджын дирижёрыл. Уый у УСФСР-ы сгуыхт аивадон архайæг (1983 аз); адæмон артист (1996 аз); Æхсæнадæмон организаци "International Classical Music Awards" раттой ын ном «Афæдзы дирижёр»; 1994 азы æмæ 1999 азы Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат. Цалдæр хатты куыд иууыл курдиатджын дирижёрæн Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд сæйраг театралон преми «Сызгъæрин маскæ». Афтæ ма йын лæвæрд æрцыд Бетырбухы сæйраг театралон преми «Сызгъæрин софит» иууыл хуыздæр дирижёрон куыстыты тыххæй 1997, 1998 æмæ 2000 азты. 1998 азы музыкалон культурæмæ зынгæ бахасты тыххæй Philips Electronics Гергиты Валерийæн балæвар кодта сæрмагонд преми, æмæ йæ уый алæвæрдта æрыгон зарæггæнджыты академийы æххуысæн. 2000 азы Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Хæлардзинады орден æмæ Сомихы республикæйы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Сыгъдæг Месроп Маштоцы орден. Афтæ ма Гергийы-фыртæн радтой Германы хицауады хорзæх — фыццаг къæпхæны дзуар «Сгуыхтдзинæдты тыххæй», Италийы — орден «Цытджын кавалер», Францы — орден «Аивæдты æмæ литературæйы орден». 2002 азы лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Президенты преми — зынгæ сфæлдыстадон æмæ зонадон бавæрды тыххæй. 2003 азы 31 мартъийы радтой ын цытджын ном «ЮНЕСКО-йы Сабырдзинады артист».
[баив æй] Æндæр архайд
У Уæрæсейы Президентон Советы архайæг культурæ æмæ аивады хаххыл.
Ацы статья ирон темæйыл къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |