Корейаг алфавит
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Корейаг алфавит у корейаг æвзагыл кæцæй фыссынц, ахæм алфавит. Хонынц æй хангыл дæр (Корейы хуссары) æмæ чосонгыл дæр (Корейы цæгаты). Лингвисттæ куыд зæгъынц, рагон корейаг алфавит иттæг хорз бæззы корейагау фыссынæн.
Корейаг алфавит корейаг лингвисттæ сарæзтой 1443 азы къарол Седжоны заказмæ гæсгæ. Корейаг адæм сæ алфавитæй тынг сæрыстыр сты æмæ йæ кадæн сарæзтой сæрмагон бæрæгбон — Хангылы бон.
[баив æй] Дамгъæтæ
Хуссайраг традицимæ гæсгæ, алфавиты нымайынц 24 дамгъæйы. Уыдон сты:
ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ
Цæгатаг традицимæ гæсгæ, корейаг алфавиты ис 40 дамгъæйы (уыдон дывæргонд дамгъæты дæр нымайынц, æмæ уый тыххæй):
ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㄲ ㄸ ㅃ ㅆ ㅉ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ ㅐ ㅒ ㅔ ㅖ ㅚ ㅟ ㅢ ㅘ ㅝ ㅙ ㅞ
Уæрæсейы цы корейаг дзырдуаттæ уагъд цæуынц, уыдон пайда кæнынц цæгат-корейаг системæйæ.
[баив æй] Транскрипци
дамгъæ | уырыссаг транскрипци |
(ног) латинаг транскрипци |
---|---|---|
ㄱ | к / г | g / k |
ㄴ | н | n |
ㄷ | т / д | d / t |
ㄹ | р / л (ль) | r / l |
ㅁ | м | m |
ㅂ | п / б | b / p |
ㅅ | с / -т | s |
ㅇ | н (нъ) | ng |
ㅈ | ч / дж / -т | j |
ㅊ | чх / -т | ch |
ㅋ | кх / -к | k |
ㅌ | тх / -т | t |
ㅍ | пх / -п | p |
ㅎ | х | h |
ㄲ | кк | kk |
ㄸ | тт | tt |
ㅃ | пп | pp |
ㅆ | сс | ss |
ㅉ | чч | jj |
ㅏ | а | a |
ㅑ | я | ya |
ㅓ | о | eo |
ㅕ | ё | yeo |
ㅗ | о | o |
ㅛ | ё | yo |
ㅜ | у | u |
ㅠ | ю | yu |
ㅡ | ы | eu |
ㅣ | и | i |
ㅐ | э | ae |
ㅒ | йя | yae |
ㅔ | э / е | e |
ㅖ | йе / е | ye |
ㅚ | ве | oe |
ㅟ | ви | wi |
ㅢ | ый / и | ui |
ㅘ | ва | wa |
ㅝ | во | wo |
ㅙ | вэ | wae |
ㅞ | ве | weo |