Лапландийы хæст
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лапландийы хæст (фин. Lapin sota), зæгъгæ, афтæ хуыины Финлянди æмæ Германы 'хсæн 1944-æм азы сентябрæй 1945-æм азы апрелы онг цы тох цыд, уый. Ахæм ном ын радтой уый тыххæй æмæ хæст цыд Финляндийы тæккæ цæгаты чи у, уыцы провинци Лапландийы.
Раджы, 1943-æм азы, Германы хицауад, Финлянди Советон Цæдисимæ бафидыны ныхмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта. Герман пълантæ арæзта йæ тыхтæ цæгатырдæм аиуварс кæнын, цæмæй уыдон хъæздыг никелы гуырæнтæ бахъахъхъæной. Немыц, уацармæ чи фæхаудтой, уыдоны тыхтæй фæхуыздæр кодтой Норвегийæ Финляндийы цæгатмæ цы фæндæгтæ цæуынц, уыдон. Уацайрæгтæй сæ фылдæр уыдысты Хуссар Европæйæ, ласт æрцыдысты Лапландимæ рог сæрдыгон дарæсы, æмæ уый тыххæй уыдонæй тынг бирæ фæмардысты. Гъе уæдæ Герман йæхи хорз бацæттæ кодта, Советон Цæдис Финляндимæ куы бафидыдтой, уыцы цаумæ. Советон Цæдис Финляндийæ бадомдта, йæ территори немыцаг салдаттæй куыд бафснæйа, уый. Финляндийы хæстон лæгтæн уый æнцон хъуыддаг нæ рауади, уый тыххæй æмæ советон хицауад æмрæстæджы домдта финляндиаг æфсады фылдæр хай демобилизаци скæнын.
Финнаг инæлар Хйалмар Сииласвуо, йе 'фсад разæнгард кæнгæйæ, дæрæн кодта немыцæгты æмæ 1944-æм азы кæронмæ расырдта фашистты Финляндийы цæгаты фылдæр бынаттæй. Фæлæ немыцаг командыгæнæг инæлар Лотар Рендулик уæддæр йæ фæстæ ныууагъта æрмæст «сыгъд зæхх». Бынаттон царджытæ кæм цардысты, уыцы хæдзæрттæй æртыккаг хай æрцыдысты хæлд, провинцийы сæйраг сахар Рованиеми та бынтондæр пырх æрцыд. Регионæй хуссармæ ралыгъдтой 100 мин адæймаджы бæрц.
Дыккаг дунеон хæст куы фæци, инæлар Рендулик тæрхондонмæ бахаудта, æмæ йын цæдисонтæ рахæстой кæрз тæрхон: йæ хæстон фыдракæндты аххосæй ахæстоны фæбадти ссæдз азы дæргъы.
Лапландийы хæсты рæстæг иннæ хæстытимæ абаргæйæ бирæ салдаттæ нæ амардысты: иу мины бæрц финляндиаг фарсæй æмæ дыууæ мины бæрц германаг фарсæй.
[баив æй] Æддаг æрмæг
- Хæдбар Финлянди кæм архайдта, уыцы хæстыты тыххæй сайт: Лапландийы хæст (картæтæ, къамтæ, зарджытæ æмæ радиойы ныхæстæ)