Мугæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мугæ у дыргъхæссæг бæлас. Латинаг классификацимæ гæсгæ ацы ботаникон хуызы ном у Mespilus l. Уырыссагау хуыйны мушмула.
Мугæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: германаг (иуæй-иу ахуыргæндтæ равзарынц кавказаг мугæ дæр) æмæ америкаг Mespilus canescens (сырх дыргътимæ).
Æппæты хуыздæр зайæн бынат 500-1500 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Фæлæ æстæм хатт уымæй уæлдæр бынаты дæр фæзайы. Кæны урс дидинæг.
[баив æй] Дыргътæ
Мугæйы дыргътæ сты морæ, сæ диаметр у 2—3 см. Фæлæ ис ахæм хуыз мугæ, æмæ йæ дыргъты диаметр у 7 см. Иу бæлас фæдæтты 12-16 киломæ ’ввахс дыргътæ.
Мугæйы дыргъты ис бирæ адæмы пайдайæн буаргъæдтæ, ахæмтæ куыд фруктозæ, глюкозæ, каротин, витамин C æмæ æндæртæ. Мугæйы дыргътæ пайда кæнынц сæн æмæ ликёр уадзынæн дæр.