Сау денджыз
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сау денджыз у зæххыастæу денджыз, сæ алыварс сты зæххытæ. Сау денджызы былтыл сты мæнæ ахæм паддзахæдтæ: Болгари, Гуырдзыстон, Румыни, Турк, Украинæ æмæ Уæрæсе.
Денджызы фæзуат у 422 000 км², йæ арфдæр бынаты арф та — 2210 м.
Порттæ: Батуми, Бургас, Варнæ, Стамбул, Керчь, Констанцæ, Новороссийск, Одессæ, Поти, Севастополь, Сочи, Сухум, Ялтæ.
Сау денджызы дон, 150 метры арфдæр, у сондонгуырæй хъæстæ. Уый тыххæй дзы арфдонон цæрæгойтæй ничи цæры.