Хуссар Ирыстон
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Республикæ Хуссар Ирыстон Кавказы тæккæ астæу, Европæ æмæ Азийы 'хсæн ис. Уый ахсы Стыр Кавказы хуссар фарс æмæ Карталийнаг тыгъдады цæгаттаг хай. Административон æгъдауæй дих кæны цыппар районыл: Цхинвалы район, Дзауы район, Ленингоры район æмæ Знауыры район. Хуссар Ирыстоны промышленон, культурон æмæ административон центр у йæ сæйраг сахар — сахар Цхинвал.
Æрдз йæ хæзнатæй нæртон хай бакодта Хуссар Ирыстоны. Ис дзы бирæ зынаргъ къахинæгтæ. Урс цъити хæхтæ æмæ уæрæх тыгъд быдыртæ, хæххон цадтæ æмæ гуылфгæнгæ тындзæг хæххон цæугæдæттæ, тар хъæдтæ æмæ дидинæфтауæг цæхæрадæттæ.
[баив æй] Рельеф
Республикæ Хуссар Ирыстоны территоийы 89,3 процент у денджызы æмвæзадæй 1000 метрæй бæрзонддæр.
[баив æй] Цæрджытæ
Хуссар Ирыстоны цæры 70 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдонимæ иумæ Хуссар Ирыстоны Цæрынц уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ — æдæппæтæй 20-æй фылдæр адæмы хæтты минæвæрттæ.
[баив æй] Ахуырад
2006-2007 ахуыры азы Хуссар Ирыстоны уыд 1397 ахуыргæнджы æмæ 5258 скъоладзауы.
Республикæйы ис 61 иумиагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Кæд зын у, уæддæр дзы сабитæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ та æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ.
Ацы статья ирон темæйыл къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |