Уырыссаг æвзаг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уырыссаг æвзаг (уырыссагау русский язык) у Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон æвзаг. Славяйнаг æвзæгтыл дзурæг адæмæн се ’мбис дзуры уырыссагау. 285 милуан адæймаджы уырыссагау дзурын зонынц (уыдонæй æрмæст 146 милуан сты уырыс), ома дунейы цыппæрæм стырдæр æвзаг у, чинаг, англисаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ.
Уырыссаг æвзагæй пайда кæнынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр. Узбекистан, Хъиргъиз æмæ Беларусы у официалон æвзæгтæй иу. Иугонд Нациты Организацийы цы æхсæз официалон æвзæджы ис, уыдонæй иу уырыссаг æвзаг у.
Куыд алы стыр æвзаг, афтæ уырыссаг æвзаг дæр йæ уæзы бын бакодта, йæ фарсмæ чи пайдагонд сты, уыцы чысылдæр æвзæгты.